Парти «Иугонд Уæрæсейы» програмон сидт


Уæрæсейы зынаргъ граждæнтæ!

Хæрз æрæджы дæр ма, дæс азæй чысыл фылдæры размæ, нæ бæстæ уыдис бынтон заууат уавæры, системон кризисы, йæ зиантæ абарæн уыд граждайнаг х æсты фæстиуджытимæ.

Мах иумæ фæуæлахиз стæм æппæты уæззаудæр зындзинæдтыл, мах слæудзыстæм нæ къæхтыл. Мах - нæ бæстæйы милунгай адæймæгтæ, номдзыд паддзахады номдзыд адæм! Мах нæ иумæйаг хъарутæй бахъахъæдтам æмæ йæ къæхтыл слæууын кодтам нæ уарзон Райгуырæн бæстæ .- нæхи Уæрæсе.

Ахсджиаг фæлварæн махæн ссис æппæты егъаудæр кризис. Мах нал бауагътам ивгъуыды халæн хъуыддæгтæ, нал бауагътам,цæмæй нæ цардмæ æрбаздæха æрвылбоны мæгурыдзинад, нал буагътам,цæмæй уыцы кризис бынтондæр ныххах кæна æнæниз хъахъхъæныады, ахурады социалон фарстатыарæзт цы æрцыд, уыцы хъуыддæгтæ. Бахъахъхъæдтам фылдæр адæмы интерестæ.

Экономикæ йæ къæхтыл тагъд кæй слæууыд, уый у нæ иумæййаг уæлахиз. Уыцы хъуыддаг бафтыд кусджыты, инженерты, хъæууон хæдзарады фæллойгæнджыты, амалиуæгдарты, фæллой æмæ куырдиаты фæрцы-йæ куыст æнæхин сыгъдæгзæрдæйæ чи æххæст кодта, хуыздæрмæ тырныны ныфс чи нæ сæфта, уыдоны фæрцы.

Мах кадджынæй ахызтыстæм тынг вазыгджын къæпхæнты сæрты, фæлæ уымай хиуыл фервæссæн нæй æмæ хъæуы нæ уавæртæ æмæ гæнæнтæн реалистон æмæ объективон хуызы аргъ кæнын.

Мах не ппæт дæр æмхуызон æмбарæм цавæр хъуамæ ма уа нæ бæстæ, уый хъумæ ма уа лæмæгъ, мæгуыр хицæн хæйттыл дихтæ, уый хъумæ ма хъизæмар кæна технологион фæстæ задæй, чинвникты хивастæй, коррупцийæ, терроризмæй, уый хъумæ ма аззайа хицæнгондæй.

Экономикæйы хомаджы коньюнктурæйы дæлбаримæ, социалон æнæмхуызонады дæлбаримæ мах хъуамæ ма уæм разы, паддзахадон уагдæттæ, тæрхондæттæ æмæ барадхъахъхъæныны органтæм сæ хъазт бахæсгæйæ адæммæ цы дызæрдыгдзинад сæвзæры уыдонимæ, хъæппæристы къуылымпытимæ, бизнес, паддзахады службæ æмæ æхсæнадон архайды хъæппæристæн цы цæ лхдуртæ æвæрд цæуы, уыдонимæ.


Мах хъуамæ ахизæм уыцы æнæлыггонд фарстаты сæрты.

Уæрæсейы къухы иу æмæ дыууæ хаты нæ бафтыд йæ егъаудзинады аккакг чи у, нæ адæмы хъару æмæ куырдиаты аккаг чи у, ахæм уæлахизтæ, нæ культурæйы хъæздыгдзинæдтæ , иумæййаг хæзнатæ фидар бæттынц æнæ дихгæнгæ иугонд уæ рæсейаг нацитæ, иугонд æмæ æнæдихгæнгæ Уæрæсейы.

Уæрæсемæ ис æппæтдæр, цæмæй йæ къухы бафта ног,æцæгæйдæр егъау нысантæ.

Мах хъуамæ саразæм инновацион экономикæ, сфидар кæнæм демократион институтæ æмæ нырыккон барадон паддзахад. Хъуамæ рæзой æрмæст хуымæтæджы æфтиæгтæ нæ, фæлæ хуыздæрæй хуыздæр кæной Уæрæсейы бинонты царды уавæртæ. Уый у архайды сæйраг нысан.

Не ргом сæйрагдæр здæхт у адæймагмæ.



Нæ фидæны сæйрагдар фарстатæ

Фыццаг. Экономикæйы, ахуырады, модернизаци, промышленносты, техникон ивтонгдзинад, инвестицион уавæр фæхуыздæр кæнын, инновацион инфроструктурæ саразын, адæмы æмæ бюджеты æппæт къæпхæнты æфтиæгтæ, фæфылдæр кæныны тыххæй фæллойы дæсныдзинад æмæ æнтыстдзинад фæфылдæр кæнын.

Дыккаг. Социалон химæ райст хæстæ æххæст кæнын, фæфылдæр кæнын мызд, пенситæ, æххуыстæ, мæгуырдзинадимæ тох кæнын, æнæниз хъахъхъæныны модернизации.

Æртыккаг. Коррупци йæ бындурæй сыскъуынын, чиновникты æфтиæгты тыххæй паддзахадон æлхæдтыты тыххæ, министрадтæ æмæ ведомствæты райсгæ уынаффæты тыххæй, æргомныхас кæнын хицауады æппæт комкомæ адæмы исбоны бартæ æмæ сæ граждайнаг сæрибары цы хъæппæристæ хауы, уыдонæн æхсæнадон эксперизæ кæнын.

Цыппæрæм. Тæрхондоны системæ хæдбар æргом æмæ рæстдзинады бындурыл сфидар кæнын, уголовон закъонады экономикон статьятæ кæй хонынц, уыдон фæлæмæгъдæр кæнын, тыхмийы, фыдракæндты тыххæй æфхæрд фæтыхджындар кæнын къаддæр, фыццаджыдæр сывæллæты ныхмæ цы фыдракæндтæ цæуы уыдоны ныхмæ , стæй террористон акты тыххæй.

Фæндзæм. Нацитæ æмæ конфесситы хсæн сабырдзинад фидар кæнын, æнæ закъон миграции, этникон фыдракæндтæ, ксенофобийы фæзындтæ æмæ сепаратизмы ныхмæ тох кæнын, æппæттрадицион конфесситæ, Уæрæсейы адæмы культурæйы сæрибар рæзтæн æххуыс кæнын.

Æхсæзæм. Нырыккон политикон системæйы рæзт, кæцы фадат ратдзæн алкæмæндæр, уыдонимæ æппæты къаддæ, социалон къордтæ дæр, цæмæй сæ фехъусæг уа æмæ конд æрцæуой паддзахадон æмæ æхсæнадон управленийы процесстæм, цæмæй сæ уа ныфс, мах бæстæйы кæй нæй æнæбар æмæ сæрылхæцæг кæмæн нæй, ахæм адæймæгтæ.

«Иугонд Уæрæсейы» æххуысы фæрцы ныридæгæн æххæстгонд æрцыдысты адæмон минæвæрад фæхуыздæр кæнынмæ арæзт хъæппæрсæртæ. Мах парти дарддæр дæр фæнд кæны æмæ кусдзæн политикон конкуренци æмæ мидпартион демократийы рæзт фæхуыздæр кæныныл.

Мах фидарæй лæууæм, цæмæй граждайнаг æхсæнад ахадгæ бæрæг кæна бьюрократийы, архайа æнæхин æмæ хъæппæрисджын адæймæгты размæ кæныныл, хицауады ногдæр кæныны тыххæй.

Æвдæм. Æддаг æмæ мидпаддзахадон æдасдзинад, ахадгæ пъалицæ, тыхджын гæрзифтонг тыхтæ, флоты æмæ фсады, барады структурæты службæ скадджын кæ нын.

Æстæм. Хæдбар, æмбаргæ, æддагон политикæ, кæцыйан йæ кæройнаг нысан у иу-адæймаджы цардыуаг фæхуыздар кæнын æмæ йæ æдасдзинадæн ныфс дæттын.

Мах интеграцион проекттæ ратдзысты ног гæнæнтæ райрæзтæн æмæ безнесæн. Кусы Уæрæсе, Беларуси æмæ Казахстаны таможон цæдис. 2012 азы тъæнджы мæйы фыццæгæм бонæй фæстæмæ царды фæзындзан иугонд экономикон тыгъдад, уый у интеграцион арфдæр къæпхæн. уый фæстæ та архайдзыстæм дарддæр цæуыныл, Европæйаг цæдис саразыныл.

Нæ фидæны нысантæ фидар кæнæм нæ куысты бæлвырд фæндæгтæй.


Мах ног экономикæ

Мах хъæуы тыхджындæр уæвын æмæ хæстæгдæр фондз азы дунейы егъаудæр экономикæйы фыццаг фондзы рагъы æрлæууын.

Нæ æппæтнацион хæс у хæстæгдæр 20 азы бындуронæй сног кæнын æмæ саразын æппын къаддæр 25 милуан нырыккон кусын бынаты промышленност æмæ бюджеты хайады.

Мах не хуысы хай бакæндзыстæм бизнесæн, транспорт, энергетикæ æмæ бастдзинады инфрæструктурæйы рæст фæтагъддæр кæныны фæрцы. Мах тагъддæр æмæ фылдæр кæндзыстæм фæндæгты арæзтад. Уый тынг ахсджиаг у Уæресейы æппæт граждæнтæн.

Æвæрдзыстæм фæрæзтæ фыдыбæ стæйы бындурын наукæ æмæ раззагдæр иртасæн куыстыты.

Мах аиуварс кæндзыстæм хъуыддаджы хъæппæристы цæлхдуртæ æмæ къуылымпытæ.

Бизнесы хъуыддæгтæм бар цы закъæтты проектæ дарой, уыдон се ппæт дæр хаст цæудзысты амалхъом æхсæнадты ныхасмæ. Æххуыс кæндзыстæм нырыккон продукциимæ дунеон базарадмæ бацæуыныл чи архайа, уыдонæн.

Хæстæгдæр 5 азы мах сараздзыстæм бæстæйæн æххæст хæдбарад хойраджы сæйраг хуызтæй.


Уæрæсе-социалон паддзахад

Æхсæнады нывлцарды æмæ бæстæйы ахадындзинады сæйраг æвдисæн у демографии. Хæрзæрæджы дæр ма, адæм арæх кæй мардысты, уый аххосæй бæстæ афæдзмæ кодта милуан гражданины къаддæр. Махæн нæ бон бацис уыцы демографион кризисыл фæуæлахиз уæвын. 2008 азæй фæстæмæ Уæрæсейы райгуырд 6 милуан адæймаджы, уый у æппæты егъаудæр æвдисæн фæстаг 20 азы.

2006 азæй фæстæмæ царды дæргъвæтийн рæстæмбис нымадæй фæцис æртæ азæй фылдæр.

2013 азмæ рæстæмбис нымадæй царды дæргъвæтин фæуыдзæн 70 азæй фылдæр.

Мах ныффидар кæнын хъауы демографийы хорз фæстиуджытæ,сифтонг кæнын, хъæуы бæстæ, цæмæй фылдæр кæна йæ цæрджыты нымæц.

Мах хъуамæ саразæм æцæг дзыллон астæуккаг кълас.Уыдон сты фыццаджыдæр æппат бæстæ йæ бæрзæйыл чи хæссы,уыцы адæм. Уыдон сты товартæ æмæ лæггæдтæ кæй фæрцы фазынынц уыдон, амалиуæгдартæ уыдон сты дæсны дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, уæлдæр скъолайы ахуыргæнджытæ, кусджытæ æмæ инженертæ, наукæ æмæ культурæйы архайджытæ, хъæуты фæллойгæнджытæ, уыдоныл æнцайы æппæт дæр. Уыдон сты фидæн аразджытæ.

Уæрæсейы алы кусæг адæймаг дæр хъуамæ иса æмбалгæ мызд. 2014 азы кæронмæ Уæрæсейы кусæджы мызд рæстамбис нымадæй фæфылдæр уыдзæн 1.5 хатты. Уыимæ бюджеты къабазы дæсны специалисттæ мызд хъуамæ исой бæлвырд регионы экономикæйы рæстæмбис къæпхæнæй къаддар куыд нæ уа. Дыууа азмæ æнæнизхъахъæнджыты куысты мызды фонд фæфылдар уыдзан 30 проценты. Фидæн аз Уæрæсейы æппат скъолаты æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæты, ахуыргæнджытæ исдзысты экономикæйæ рæстамбисмызд, кæнæ та фылдæр Уæрæсейы æппæт регионты дæр.

Мызды рæзт, уæлдайдæр та социалон къабазы, арæзт у уымæ, цæмæй хуыздæр кæна дæсныйад æмæ куысджытæ æнувыддæр уой цы хъуддаг аразынц уыуыл, цæмæй ахуырад, æнæнизхъахъæныны æмæ æндæр социалон къабазты дзуапп дæттой бæстæйы граждæнты домæнтæн.


Нывыл цард-ахуырад, æнæнизхъахъæнын цæрæнуæттæ

Мах ног скъола. Мах хардз кæндзыстæм фылдар фæрæзтæ ахуыргæнджыты дæсныйад фæхуздæр кæнынæн,уæлддайдæр та хъæуты араздзыстæм чысыл скъолатæ æнæлыггонд фарстатæ. Сахъат адæймæгтæ цæмæй сахи хорз æнкъарой, уый тыххæй ахуыргæнæндæты арæзт цæудзæн æппæт уавæртæ, араздзыстæм ахæм уавæртæ цæмæй скъоламæ кусынмæ æрбацæуой фæсивæд. 5 азмæ мах Уæрæсейы хъуамæ саразæм æппын къадтæр 1 мин ног скъолайы æмæ уыцы 5 азмæ иу цæлцæгæнинаг скъола дæр æнæ цаллæг ма баззайа.

Сæйраг æргом-скъолайы спортмæ. 2014 азмæ. Олимпаг хъазтыты азмæ бæстæйы æппæт скъолаты спортивон залты сæвæрдзызтæм нырыккон дзаумæттæ.


Сывæллæтты цæхæрадæттæ-æнæ радæй

Хæстæгдар цалдæр азы рæстæг сисын хъауы сываллæты цæхæрадæты бынæттæ кæй нæ фаг кæны,уыцы фарста. Саразын хъау æппæт дæр, цæмæй сабитæ рæзой хъæугæ уавæрты, цæмæй Уæрæсейы бинонтæ банкъарой зынгæ æххуыс паддзахадæй, сылгоймæн та йæ сабийы райгуырды фæстæ йæ бон уа йæ куыстмæ рацæуын æмæ йæ дæсныйад сног кæнын. Сæйраг æргом здæхт æрцæудзæн сываллæты цæхæрадæты, рæвдауæндæты, кусджыты мызд фæфылдæр кæнын мæ.


Хорз æнæнизхъахъæнынад

Уæрæсейы граждæнтæ хъуамæ сæхиуыл банкъарой бæстæйы æнæнизхъахъæнынады хорз ивддзинæтæ. Сæ хорз медициннон æххуысы бартæ хъуамæ хæлд æппындæр ма цæуой.

Уæлдай æргом-медицинон промышленнæст æмæ фарминдустри сног кæнынмæ. Мах хъуамæ иуварс ацæуæм транснационалон корпораци сæйрагдæр та нæ адæмæн хъуама уа сæ бон балхæнын кæмæн уа ахæм хорз хостæ.Уæлдай æххуыс-хъæууон медицинæйæн. Хъæумæ кусынмæ цы дохтыртæ æрцæуа уыдонæн æххуысæн радих кæндзыстæм 1 милуан сомы онг. Ахæм программæтæ астæуккаг медицонон кусджытæн дар æххæстгонд æрцæудзысты Уарасейы æппæт регионты дæр.


Æнцонрайсæн цæрæнуат-алы уæрæсейаг бинонтæн

2016 азмæ дыууæ хатты фæфылдар уыдзæн цæрæнуæтты арæзтад. Хæстæгдæр азты инфляции фæкъаддæры хæдфæстæ нысан кæнæм ипотекон кредиты афадзы фиддонты фæкъаддæр кæнын. Мах рагхыгъд сараздзыстæм æрыгон ахуыргæнджытæн сæрмагонд ипотекæ -уый уыдзæн къаддæр ставкæ æмæ æппыкъаддæр райдайан фиддонимæ.

Раст хъуыддагыл нымайæм фидæны. Падзахадон Думæ æмæ хицауад цæмæй федералон исбоны цы уæгъд заххытæ ис уыдон радих кæной кооперативон цæрæнуæттæ аразынæн бюджеты къабазы кусджытæн сеппатæн дæр; дохтыртæн ахуыргæнджытæн, уæлдар скъолайы ахуыргæнджытæн, куысджтæн, культурæйы æмæ социалон къабазы кусджытæн. Уæрæсейы федерации субъекттæ хъуамæ архайой уыцы програмайыл. Куыд спълан кодтам афтæ мах цæрæнуæттæ ратдзыстæм фыдыбæстæйы хæсты æппæт ветерантæн дæр.


Рæстад-куыд æнæмæнг хæзна

Не ппат уынаффæтæ дæр хъуамæ дзуапп дæттой Уæрæсейы граждæнтæй сæ фылдæры домæнтæн. Æмæ уымæ гæсгæ хъуамæ уой раст.

Æрдзон хъæздыгдзинадæй чи цæры, æрмæст хомаг чи уæй кæны, уыцы бизнесæн иу хъалон, ног хъуыддагтæ чи гом каны, инноваци æмæ куыстады чи архайы, ног куыстуæттæ чи аразы, хъæугæ товартæ чи уадзы,уыдонæн та –æндæр,къаддар хъалонтæ.

Мах ацыдыстæм 13 проценты æфтиæгты хъалоны фæндагыл æмæ уыцы политикайæ раздæхын фæнд нæ кæнæм.

Уыимæ хъалонтæ хъæздгуытæ хъуыамæ фидой фылдæр, астæуккаг кълас, стæй иннæ æппат граждæнтæй.

Æмæ фыццагдæр,хæрдзты æнæзмæлгæ мулк æмæ мулчы хъалоны хыгъды фæрцы.

Мах фæндон хæссæм 2009 тъæнджы мæйы 1аг бонæй размæ хъалон хæс кæман уыд,уыдон сфыст æрцæуæд æнæ тæрхондоны архайдæй, хуымæтæг æгъдауæй. Хицауады аххосæй рæдыттæ куы æрцæуа,уæд сæ раст кæнын хъæуы.


Уæрæсейаг бизнес хъуамæ уа бæрнон социалон æгъдауæй.

Царын хъæуы нæ бастæ Уæрæсеимæ иу фатк, иу сагъæстимæ.

Активонæй хæссын хъæуы инвестицитæ ахурадмæ æмæ кадртæ цæттæ кæнынмæ, ног социалон проекттæм, уæрæсейуаг культурæмæ. Æххуыс кæнын хъæуы граждайнаг æхсæнадæн зæрдæудæнæн æмæ хибар программæты рæзтæн.

Мах стæм уый фарс – цæмæй коммуналон лæггæдты æргътæ уой æргом æмæ раст. Мах сараздзыстæм коммуналон фæрæзты хардз каныны социалон нормæ æмæ уымæ гæсгæ инфляци куыд рæзы, уымæй уæлдæр нæ рæздзысты. Мæх хъуамæ размæ кæнæм «адæмæн сæ дзынытæм кæй æвналынц, уыимæ, уыцы рæстæг коммуналон компанитæ æмæ сæ разамонджытæ та æрбарвитынц бындур кæмæн нæй ахæм хыгзды гæххæттæ рухс, дон æмæ хъармæн бафидыны тыххæй.

Ацы хъуыддаджы хъæуы карз къонтрол.


Бæстæйы æдасдзинад – адæймæджы æдасдзинад
 
Махæн нæ хæс у граждæнтæй алкæйы æдасдзинад хъахъанынæн хъæугæ мадзæлттæ саразын.

Æнæмæнг хъуамæ къухы бафта пъалицæ æмæ тæрхондæтты архайд фæхуыздæр кæныны ивддзинæдтæ.

Хæстæгдæр 5-10 азы мах хъуамæ æнæхъæнæй баивæм не фсад æмæ флоты хæцæнгарз, модернизации скæнæм хи хъахъæнæг – промышленон комплекс. Паддзахадон иргъæвон заказ арæзт цæудзæн иу аз раздæр нæ, фæлæ 3 азы раздæр. Уый бæрæг фæхуыздæр кæндзæн куыстуæтты архайды экономикон уавар.

Æфсады службæгæнджытæ æмæ барадхъахъæнæг оргæнты кусджытæн хъуамæ уа социалон ныфсæвæрд æххæст пакеттæ сæхицæн æмæ сæ бинонтæн, сæ мызд хъуамæ уа сæ егъау бæрнодзинадмæ гæсгæ, æфсæддон службæйы уæззау уавæртæ хынцгæйæ та экономикæйы раззагдар къабазы хорз специалисттæ æмæ кусджытæй фылдæр.

2012 азы тъæнджы мæйæ фæстæмæ Гæрзифтонг Тыхтæ æмæ мидхъуыддæгты æфсады службæгæнджытыл, стæй мидхъуыддæгты оргæнты кусджытæн сæ мызд фæфылдæр уыдзæн, 2013 азæы тъæнджы мæйы 1-аг бонæй фæстæмæ та ног мызды уавæртæм раивдзысты тыхы иннæ ведомствæты службæгæнджыты.

Æппæт æфсæддон пенсинерты пенситæ дæр 2012 азæы тъæнджы мæйы 1-аг бонæй фæстæмæ фæфлдæр уыдзысты рæстæмбис нымадæй 1.5 хатты.

Хæстæгдæр дыууæ азы Гæрзифтонг Тыхты æмæ Мидхъыддæгты министрады æфсæдтæй рады чи лæууы, уыдон райсдзысты цæрæн фатертæ. Мах архайдзыстæм цæмæй тыхон иннæ ведомствæты дæр уыцы фарст лыггонд æрцæуа.

Дарддæр æфсæддонтæ фатертæ исдзысты æнæ бирæ азтæ æнхъæлмæгæсгæйæ.


Федерализм æмæ бынæттон хиуынафæйады разт
 
Хуызæнæн цард, карьерæ аразыны фадат, æхца бакусын, сабитæн хорз фидæн бацæттæ кæнын, уыцы фадæттæ æрмæст сæйраг, горæты ма уой, фæлæ бæстæйы æппæт рæтты дæр, алы горæт, алы пæселок, алы хъæуы дæр. Мах дæттæм уæрæсейаг регионтæ æмæ муниципалитеттæн егъау бартæ æмæ финансон фæрæзтæ, фæлæ сæ бæрнондзинад дæр уыдзæн фылдæр. Сараздзыстæм ахæм мадзæлттæ, цæмæй регионтæ зæрдиагдæрæй архадой сæхи хъалонты ист фылдæр кæныныл.

Уыцы рæстæг Уарæсейы Федерацийы субъекттæ та хъуамæ ахæм уавæртæ аразой муниципалитеттæн.

Нæ зæрды ис æппæт хъарутæй дæр рахæцын хæдархайæг, бархидзинад, социалон архайдмæ разæнгард уæвын бизнес æмæ æхсæнадон структурæты бæрнондзинады фарс регионолон æмæ муниципалон царды.


Мах тых ис адæмон æууæнчы
 
4 декабры – æвзæрстытæ Падзахадон Думæмæ. Иннæ аз уалдзæджы – Уæрæсейы Федераций Президенты æвзæрстытæ. Уыдон сты ахсджиаг къапхæнтæ Уæрæсейы æнæзмæст политикон царды, æнæ уымай та махæн сымахимæ нæ бауыдзæн нæ бон нæдæр экономикæ райрæзын кæнын, нæдæр нæ граждæнты цард фæхуыздæр кæнын.

«Иугонд Уæрæсе» равдыста, кæй у йæ бон иумæйагнацион политикон лидер уæвын, æрмæст йæ фæстæ кæнын нæ, фæлæ лыстæг къорды интерестæй бæрзонддæр уавын. Равдыста, йæ бон кæй у хъусын æрмæст йе мхъудыгæнджыты нæ, фæлæ йæ ныхмæ дзурджыты дæр. Цæуы дард егъау нысантæм, кусын æппæт регионтæн, социалон къордтæн, нæ бæстæйы æппæт граждæнтæн хорздзинад цы нысантæ хассой уыдонæн. Ссис æппæтадамон æмæ æппæтуæрæсеон партии.

Падзахадон Думæмæ æвзæрстытæм мах цæуæм уæрæсейаг æхсæнады æппæт минæвæрттимæ, цæмæй нæ къухы бафта æппатнационалон иудзинад бæстайы рæзты сæйрагдæр фарстытæ алыг кæнын.

Æппатуæрæсеон адæмæон фронт цыбыр рæстæгмæ ссис уæрæх æхсæнадон коалици ратта фадат æнæпартионтæн, æндæр партиты минæвæрттæн, бирæ сæрæн, зынгзæрдæ адæмæн, цæмæй архайой паддзахадон уынаффæтæ цæттæ æмæ æххæст кæныны хъуыддаджы.

Мах сарæзтам нæ программæ адаæмон хъæппæристы бындурдыл. Нæ æвзарджыты фæндæтты бындурыл. Уыцы адæмон фæзæхсты бндурыл кусдзыстæм хæстæгдæр фондз азы. Æххæст кæндзыстæм, не хсæнад нæ размæ цы хæстæ æвæра , нæ адæм цæмæй тыхсой, уыцы хъуыддæгтæ. Архайдзыстæм, цæмæй иунæг адæймаджы хъæнæрис дæр иуварс ма аззайа, цæмæй алкæмæн дæр йæ бон бауа иумæййаг хъуыддаджы йæ хъарутæ равдисын, цæмæй алкæйы дæр уа ныфс йæ фидæнæй, йæ сабиты сомбонæй.


***


«Иугонд Уæрæсе» у Президенты партии. Традицимæ гæсгæ æвзæрстыты мах номхыгъды сæргъы ис бæстæйы Президент. Мах сидæм бæстæйы граждæнтæм æмæ курæм цæмæй Падзахадон Думæмæ æвзæрстыты æрбалæууой «Иугонд Уæрæсейы» фарсмæ æмæ схъæлæс кæной сæ сæргъы Дмитрий Анатолийы фырт Медведев кæмæн ис, уыцы кандидаттыл.

Æвзæрстыты цы партии фæуæлахиз уа, уый араздзæн ног Хициуад. Уырны нæ, æппæтадæмон æххуысыл æнцой кæнгæйæ Дмитрий Антолийы фырт Медведев кæй сарæхсдзæн ног, ахадгæ архайæг, æрыгон, сæрæн, бæстæйæн фæткдæттæг командæ, æрлæудзæн Уæрæсейы Федерации Хицауады сæргъы, цæмæй дарддæр ахæццæ кæна нæ царды æппæт къабæзтыл модернизацийы куыст.

Мах сбæрæг кодтам нæ хъуыды бæстæйы Президенты æвзæрстыты фæдыл. Бæстæйы дарддæры рæзтæн, ахадгæ хицауадæн, нæ фидæны архайд дарддæр ахæццæ кæнынæн уый у тæккæ ахсджиагдæр фарста.

«Иугонд Уæрæсе» Уæрæсейы Президенты бынатмæ хæссы нæ Лидеры, партийы Сæрдæр Владимир Владимиры фырт Путины. Уыцы уынаффæ сфидар кæндзыстæм Уæрæсейы Федерацийы Президенты æвзæрстыты тыххæй федералон закъонадмæ гæсгæ.

Мах уырны, кæй æрбалæудзыстут мах партии æмæ мах лидеры фарсмæ. Мах æууæндæм нæ уæлахизыл.


***


Махæн иумæйаг сты нæ хъуыдытæ нæ бæстæйы фидæны тыххæй, иумæййаг нæ пълантæ, нæ дзуæппытæ нæ паддзахады размæ цы фæрста æвзæры уыдонæн. Нæ размæ цы нысантæ æвæрæм, уыцы нысантæ цæуынц нæ бæстæйы фылдæр адæмы зæрдæтæм. Мах иу кæны æппæты сæйрагдæр: мах фæнды амонд нæ бæстæйæн, мах уарзæм нæ бæстæ. Мах нæ ратдзыстæм нæхи Уæрæсейы. Нæ йæ ратдзыстæм уыдонæн, фехалынмæ йæ чи хъавы, нæ йæ ратдзыстæм æххæстганæн кæмæн нæй, ахæм афтид зæдæвæрæнтæй адæмы чи сайы уыдонæн.

Уæрæсе хъуамæ уа сарибар, сыгъдæгзæрдæ æмæ бæрнон адæмы.

Уырны нæ, афтæ кæй уыдзæн!

Фидæн мах уыдзæн!

Иумæ фæуæлахиз уыдзыстæм!

© Copyright "Единая Россия" 2005-2009. Все права на материалы, находящиеся на сайте, охраняются в соответствии с законодательством РФ. При полном, либо частичном использовании материалов ссылка на osset-alania.er.ru обязательна